Нывгæнæгы тыххæй

Хугаев Николай

Хуыгаты Къостайы фырт Николай райгуырд 1949 азы кæфты мæйы 3-æм бон Хуссар Ирыстоны Автономон облæсты, Дзауы районы, Хæрдысæры.
Йæ сфæлдыстады хуыздӕрӕн исы сурæт хуыз нывтæ, кусы алыхуызон жанртæ ─ портреттæ, пейзажтæ, натюрморттæ, жанры нывтæ. Йæ куыстытæ сты куыд Тбилисы Республикон музейы, афтæ ма сæрмагонд коллекциты дæр.
Йæ сфæлдыстадон царды фылдæр хай Николай арвыста Сыбыры, Иркутскы облæсты, сахар Свирскы.

Ахуырад
1970-æм азы каст фæци Тугъанты Махарбеджы номыл Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндон.
1984 азæй у ССРЦ-ы Нывгæнджыты Цæдисы уæнг (Уӕрӕсейы Нывгæнджыты Цæдисы ─ 1992 азæй).
Цхинвалы Нывгæнæн ахуыргæнæндоны ахуыргæнджытæ:

  • Хъотайты Сесейы фырт Григорий
  • Санжаровская Анастасия Михаилы чызг
  • Санахъоты Иосифы фырт Борис.


Хайад иста равдыстыты

  • 1979 – Мæскуы, «Райгуырæн бæстæйы æрвгъуыз фæндæгтæ»
  • 80-ты – Тбилис
  • 90-ты – Иркутск
  • 2000-æм ─ Черемхово (Иркутскы облæст)
  • 2010 – Свирск (Иркутскы облæст)
  • 2010-æм ─ Дзӕуджыхъӕу (РЦИ ─ Алани)
  • 2015 – Грозное (Цæцæны Республикæ)
  • 2019 – Дзӕуджыхъӕу (РЦИ ─ Алани), чиныг «Ирыстоны нывгæнджытæ»-йы мыхуыр
  • 2019 – Париж, «Art Shopping».


Æнтыстытæ æмæ хорзæхтæ

  • 1997 – Кады грамотæ сахары Свирскы ветераны Совет
  • 2009 – Бузныгад АМСУ с. Свирскы
  • 2010 – Диплом Культурæ æмæ архивы Министрад Иркутскы облæсты
  • 2014 – Бузныгад Нывгæнджыты Цæдис РЦИ ─ Алани
  • 2015 – Бузныгад Культурæйы Министрад Цæцæны Республикæйы
  • 2019 – Диплом Salon Art Shopping au Carrousel du Louvre, Paris.